АЛАНЫ ОСЕТИНЫ
Мæ адæмы мын ма фæкæ фыдвæндаг!
Рæсугъд амондæй хайджын сæ фæкæн,
Ирон адæмæн ма фесаф сæ уидаг!
Хуыцау, нывонд кæнын мæ цард-
Мæ адæмæн, мæ Ирыстонæн алкæд!
Сæрбæрзонд дæн, аланты фарн-мæ кад!
Мæ тугдадзинты абухы ирон туг!
Фыдæй фыртмæ нын баззади æгъдау-
Ирон ныхасæн аргъ кæнын фæразын!
Стыр Хуыцау, ма нæм æрхæсс фау,
Нæ базыдтам нæ фыдæлты кад уарзын!..
Нæ кæстæртæн нæ бацамыдтам зонд-
Ирон æгъдау нæ ныфс кæй у, нæ дарæг!
Кæм ис ирон лæджы амонд,
Ныр райхъуысы алайнаг мады хъарæг!
Хуыцау, дæумæ кувæг æз дæн,-
Мæ адæмы мын ма фæкæ фыдвæндаг!
Рæсугъд амондæй хайджын сæ фæкæн,
Ирон адæмæн ма фесаф сæ уидаг!
© Бестауты Алана.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.









Нашли ошибку?