Мæнг ныфсытæй - зæрдæлхæнын
Кæй зæгъын æй хъæуы, М. Саакашвилийы хъусынгæнинæгтимæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмбæстæгтæй алчи дæр зонгæ вæййы, фæлæ ацы хатт йæ хъусынгæнинагы уыдис ахæм ныхас, куыд æнæ хæстæй. Уый фæдыл мах бахатыдыстæм Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Плиты Аланмæ, цæмæй нын йæ хъуыдытæ зæгъа ацы хъусынгæнинаджы фæдыл.
-Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы Гуырдзыстоны скондмæ бакæнынæн ныртæккæ хæстон амал йедтæмæ æндæр ницы амал ис. Уымæн æмæ фæстаг цалдæр азы дæргъы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмæн тынг бирæ зиæнттæ ракодта Гуырдзыстон. Мах бавзæрстам геноцид, бавзæрстам Гуырдзыстоны ‘рдыгæй административон æндæвдад æмæ М. Саакашвилийы хъусынгæнинаджы ирдæй зыны Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ ног хæст расидыны тасдзинад. Студенттимæ фембæлды рæстæджы ахæм хъусынгæнинаг сарæзта уымæн, цæмæй сырæзын кæна йæ рейтинг, уымæн æмæ ма цалдæр азы размæ Гуырдзыстоны президенты бынатмæ йæ æвзæрстыты рæстæджы М. Саакашвили йæ адæмæн ныфс æвæрдта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Гуырдзыстоны скондмæ бакæнынæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн уыцы хъуыддагæй ницы рауад, ног хæст, ног трагеди, ног агрессийы æмæ ног зиæнтты йедтæмæ. Раст уымæ гæсгæ ныр уый зоны, Гуырдзыстоны цæрджытæ йыл кæй нæуал æууæндынц, æмæ хъавы ахæм хъусынгæнинæгты фæрцы йæ рейтинг сырæзын кæнынмæ, уымæн æмæ уый ахæм ныфсæвæрдтыты фæрцы хъавы балхæнынмæ Гуырдзыстоны æвзарджыты зæрдæтæ.
"Хурзарин"
[url=/]ИА ОСинформ[/url]
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.









Нашли ошибку?