Кандидат ард бахордта
Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты кампани ис йæ тæмæны. Дыууæ кандидаты æмбæлынц республикæйы цæрджытимæ, зонгæ сæ кæнынц сæ æвзæр-стыты агъоммæйы кампаниимæ. Уымæй дарддæр æрвылизæр телеуынынады комкоммæ эфиры руаджы рæгъмæ хæссынц, паддзахады сæргълæууæгæй æвзæрст куы æрцæуой, уæд цахæм куыст кæндзысты, æруадзгæ цухдзинæдтыл, цы хъæуы саразын, цæмæй не ‘мбæстæгты царды уавæртæ хуыздæрæрдæм фæивой, адæмы царды ныфс бацæуа.
Ацы бонты Президенты бынатмæ кандидат Санахъоты Дауытмæ комкоммæ эфиры рæстæджы афтæ æрбадзырдæуыд, зæгъгæ, ард бахæр, куыд дын республикæйы раздæры къухдариуæгадимæ ницы иудзинад ис.
Кандидат комкоммæ эфиры дзырд радта, гуырдзиаг-ирон хæстон архайдтыты рæстæджы цы фæсивæд фæмард, уыдон æнусон уæлмæрды кæй сараздзæн ацы хъуыддаг. Уыцы теледебаттæй дыккаг бон Санахъоты Дауыт йе штабы минæвæрттимæ бацыд фæндзæм скъолайы кæрты æдзард хъæбулты номыл кувæндонмæ. Уым цытджын уавæры радта ныхас, куыд архайы æмæ цæуы йæ тыхтæ æмæ йæ йæ хъарутæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидатæй.
«Зынаргъ хотæ æмæ æфсымæртæ! Ацы бынатмæ уый тыххæй æрбацыдтæн æмæ дзырд радтон не ‘фсымæрты ингæны уæлхъус, кæцытæ сæ цард радтой Ирыстоны сæрибардзинад, хæдбардзинад æмæ сомбоны тыххæй - цыдæриддæр аразон, архайон, уый араздзынæн Ирыстоны æмæ йæ адæмы хæрзæбонæн, цæмæй нæ адæмы цард хуыздæр кæна.
Сæйраг хъуыды ис уый мидæг, æмæ адæм хъуамæ æрбангом уой, кæрæдзи фарсмæ æрбалæууой, дам-думтæ аиуварсгæнгæйæ.
Ныр та мах стæм аккаг фидæн равзарыны фæндагыл. Уыцы хорз фидæнмæ нæ чи акæна, уый равзарын хъæуы дыууæ адæймагæй.
Дзырд дæттын ноджы дæр, Ирыстоны абоны уавæрмæ нæ чи æркодта, уыдонимæ мæнæн ницы иудзинад ис. Ацы бынат - æдзард хъæбулты æнусон бынат - махæн у уæлахизы зæхх æмæ йæм хъуамæ сæрбæрзондæй кæсæм. Уымæ гæсгæ ам цы ныхæстæ загъдæуа, уыдон æнæмæнгдæр æххæст цæудзысты. Уымæн мын æвдисæн сты абон не ‘мбæстæгтæ, аргъуаны службæгæнджытæ æмæ сæ цард чи радта, уыцы хъæбатыр лæппутæ» - загъта Президенты бынатмæ кандидат Санахъоты Дауыт.
"Хурзæрин"
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.









Нашли ошибку?