АДÆМЫ УАРЗОН КÆСТÆР

Æвæдза, царды адæймаг цæй диссаджы удыхъæды хицау адæймæгтимæ сæмбæлы. Иуæй-иу адæймæгтæй ахæм хорз энерги фæцæуы, ахæм æвæрццаг аурæ сын вæййы æмæ адæймаг семæ ныхас кæнынæй нæ фефсæды, фæфæнды йæ йæ цуры фылдæр рæстæг куы алæуид, уый. Ахæмимæ базонгæйы фæстæ адæймагмæ сæвзæры фæсмондзинады æнкъарæнтæ, зæгъгæ, цæй æрæгмæ базонгæ дæн йемæ, раздæр æй цæмæннæ зыдтон. Ахæм диссаджы хæларзæрдæ адæймæгтæм хауы, кæй кой ракæнынмæ уын хъавын, уый дæр. 

Бестауты Алан райгуырд 1976 азы Цхинвалы. Астæуккаг ахуырад райста нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы. Ахуыр кодта хорз, уыд æвзыгъд ахуыргæнинаг. Йæ ахуыргæнджытæ дзы уыдысты райгонд куыд йæ ахуырæй, афтæ йæ уагахастæй дæр. Фæлæ, 1991-92 азты гуырдзиаг лæгхортæ алырдыгæй Цхинвалмæ куы лæбурдтой, уæд Аланыл кæд нырма 15 азы йедтæмæ нæ цыди, уæддæр ын иуран æрлæуд нал уыди. Йæ ныййарджыты сусæгæй гæпп кодта нæ хъайтар лæппутæ постыты цы рæтты лæууыдысты, уырдæм æмæ сын æххуыс кодта, йæ бон цæмæй уыд, уымæй. Хæстон лæппутæ дзы райгонд уыдысты æмæ йын алы цуматæ кодтой. Бирæ хатт-иу тох тынг куы сытынг, уæд-иу Аланы тыхæй рарвыстой Ирыстоны хъахъхъæнджытæ, ныртæккæ дзæнæттæгтæ Гæджиты Витали æмæ Джусойты Цезарь. Фæлæ кæм састи Алан. Иу цъус рæстæджы фæстæ та-иу сæ цуры февзæрди.
SDC12057_0.JPG
1992 азы 14 июлы уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхтæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбацыдысты, уæд уавæр фæсабырдæр æмæ Алан скъола каст фæуыны фæстæ бацыд ахуыр кæнынмæ Стъавраполы паддзахадон медицинон колледжмæ стомотолог-ортопеды дæсныйады факультетмæ. Колледж æнтысгæйæ каст фæуыны фæстæ иу азы бæрц акуыста Дзæуджыхъæуы стоматологон сæрмагонд клиникæйы. Райгонд уыд йæ куыстæй, фæлæ йæ уæддæр цыдæр тых æлвæста йæ райгуырæн, Цхинвалмæ. Дзæуджыхъæуы ныууагъта йæ куыст æмæ æрæздæхт Цхинвалмæ, кæд ын ам куыст ссарын зын уыд, уæддæр.
1996 азы Алан кусын райдыдта республикон стоматологон поликлиникæйы дæндæгты техникæй. Æмæ уæдæй абоны онг лæггад кæны адæмæн. Алан ахæм æргомзæрдæ æмæ хæларзæрдæ у, ахæм æнæхин удыхъæды хицау у æмæ йемæ ныхасгæнгæйæ адæймаг цыфæнды мæсты ма уа, уæддæр йæ маст æрбайсæфы. Ахæм бæркадджын дзыхы ныхасы хицау у æмæ адæймагæн цыфæнды уæззау зæрдæйы равг куы уа, уæддæр æм цæрын æрцæуы. Уый кæд нырма æвзонг у, уæддæр ын бантыст йæхицæн бирæ хæлæрттæ ссарын, бантыст ын тынг бирæ адæмæн балæггад кæнын. Иу дзырдæй, йæ пациенттæ куыд дзурынц, афтæмæй дзы фæлмæн, хорз ныхасæй дарддæр тызмæг ныхас никуы ничи ма фехъуыста. Дзауаг сылгоймаг Джиоты Зæлинæ дзы афтæ загъта:
- Цалдæр цыды йæм æркодтон мæ дæндæгтæ аразынмæ, æмæ-иу æй алыхатт дæр æрæййæфтон хъæлдзæгæй. Æрмæст йæ дзыхы ныхас дæр цасдæры аргъ у. Алкæимæ дæр ссары иумиаг æвзаг, зæрæдтимæ зæронд у, æвзæнгтимæ та – æвзонг. Кæй «джиджджи» хоны, кæй «мæ мады хай», кæй мæ хистæр æфсымæр, кæй та мæ хо. Æз дзы баззадтæн тынг райгондæй. Сарæзта мын протезтæ, фæлæ сæ æнæрхъуыдыйæ пецы баппæрстон. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг смæсты дæн. Фæдзырдтон телефонæй Аланмæ æмæ йын хъуыддаг бамбарын кодтон. Уый мын мæ тыхст хъæлæсыуаг куы фехъуыста, уæд мын афтæ, зæгъгæ, æппындæр ма тыхс, тæккæ райсом мæм æрцу æмæ дын ноджы хуыздæр протезтæ сараздзынæн. Æмæ мын æцæг ног протезтæ сарæзта, æхца йæм цас æмбæлд, уыйас мæ комгæ дæр нал бакодта. Æз ма фырæфсæрмæй цы фæуыдаин, уымæн ницыуал зыдтон, абоны онг дæр дзы мæхи хатын хæсджынæй. Иннæ дзауаг сылгоймаг Гасситы Госæ та мын дзы афтæ загъта: «Мæ дæндæгтæ аразынмæ куы бацыдтæн Аланмæ æмæ йæ фыццаг хатт куы федтон, уæд æй мæ зæрдæ афтæ тынг айста йæ уæздан ахасты тыххæй æмæ йын батæхуды кодтон йæ мадмæ. Иуæй-иутæ куыд кæнынц, афтæ мæ цалдæр цыды не ‘ркæнын кодта, мæ уавæры бацыди æмæ мын тагъдыл сарæзта ахæм протезтæ, кæцытæм фау æрхæссæн æппындæр нæй. Куы мын сæ бакодта, уæдæй абонмæ сæ дæн тынг райгонд æмæ йын арæх фæкувын, зæгъын, сæ саразæг даргъ-уæрæх ацæуæд, кæд мын сæ куыд хорз сарæзта». Нæ горæты цæрæг Къæбулты Л. та мын афтæ радзырдта: «Мæ дзыхы дæндаг рагæй кæй нал уыд, уымæ гæсгæ ме ‘фсæр деформаци радта æмæ мыл протезтæ нал бадтысты, уымæ гæсгæ мæ бахъуыд цалдæр цыды бакæнын Аланмæ. Йæ хурæй бафсæдæт йæ мад, кæд куыд хорз хъæбул схъомыл кодта. Ды та дæхи иу хатт тызмæгæй равдис, ахæмтыл стæм хатт сæмбæлдзынæ царды». Æцæг хорз хъомылад радтой Аланæн йæ мад Козаты Фатимæ æмæ йæ фыд Бестауты Альберт, нæ горæты модæты ательейы кæрцкæрдæг. Куыд уынæм, афтæмæй фыд æмæ фырт сты царды тынг цы професситæ хъæуы, ахæмтыл хæст æмæ адæмæн лæггад кæнынц.
Чи фæнымайдзæнис Алан цал адæймагæн балæггад кодта, уыдоны. Кæд йæ куыст æнцон нæу, уæддæр æй афтæ уарзы æмæ дзы фæллайын нæ зоны. Æгæрыстæмæй йын улæфт бон дæр нæй, уыййас адæм æм цæуы æмæ тырны цæмæй дзы макæй хъыг райса. Чи сæ фæнымайдзæнис Алан дæндæгтæ кæмæн сарæзта æмæ йын абоны онг дæр æхца чи нæ бафыста, уыдоны, алкæйы уавæры дæр бацæуы æмæ сын фæзæгъы, зæгъгæ, кæд дæм еныр нæй, уæд мын сæ фæстæдæр ратдзынæ.
Журналисты куыст дæр прокуратурæйы слестгæнæджы куысты хуызæн у. Слестгæнæг цы уголовон хъуыддагыл куса, уый дзæбæх куынæ сахуыр кæна, уæд аххосджынæн раст тæрхон никуы рахæсдзысты. Афтæ у журналисты куыст дæр, уый йæ уацы хъайтары миддунеимæ дзæбæх куынæ базонгæ уа, уæд хорз уац никуы ныффысдзæни. Вæййы афтæ дæр æмæ уацы хъайтаримæ бирæ хатт бахъæуы цалдæр хатты фембæлын, фæлæ Алан афтæ æргомзæрдæ у æмæ йемæ иу хатт аныхас кæныны фæстæ мæнмæ афтæ фæкаст, цыма йæ хæрз чысылæй нырмæ зонын. Кæд йæхицæн нырма хæдзар нæй (æцæг ныр иу хатæнон фатер балхæдта, фæлæ йын уый дæр бæстон аразинаг у) æмæ 3-хатæнон фатеры цæрынц цыппар бинонтæй (йæ ныййарджытæ, йе фсымæр йе мкъай æмæ йæ сывæллонимæ, афтæ рауад æмæ ма семæ цæрынц йæ хо æмæ йе сиахс дæр æмæ йæхæдæг йе мкъай æмæ йæ чысыл фыртимæ), уæддæр зыд кæнын нæ зоны, уый æппæт бинонтæй иумæ кæй фидауынц, уый дæр у сæ хорздзинадыл дзурæг. Ныртæккæйы уæззау царды иуæй-иутæ афтæ зыд æмæ кæрæф систы æмæ искæмæн исты балæггад кæныны бæсты, сæхæдæг кæмæй цы ратона кæной, ууыл сты. Алан та у ахæм адæймæгтæн ныхмæвæрд. Йæ уд йæ дзæцц у искæмæн балæггад кæнын. Мæ зонгæ сылгоймагæн сарæзта тынг рæсугъд зынаргъ дæндæгтæ иу дæс азы размæ æмæ йын абоны онг дæр йæ куыстмызд нæ бафыста, фæлæ Алан сæ кой дæр никуы скодта, æндæр æм лæбурдтытæ дæр кодтаид. Æмæ ахæм цæвиттонтæ цас сты, чи сæ фæнымайдзæн. Йæ ацы зæрдæхæлар митæ ууыл дзурæг сты æмæ Алан йæхи материалон æмæ моралон интерестæй адæмы цард уæлдæр кæй æвæры.
Мæнæ дзы цы зæгъы, кæимæ кусы, уыдонæй сæ иу, дæндæгты техник Зæгъойты Сергей:
- Алан куыд специалист, афтæ йæ куыст зоны тынг хорз, куыд дохтыр æмæ куыд техник, афтæ дæр. Ацы куыст кæны 12 азы бæрц æмæ дзы алчидæр ацæуы райгондæй. Æз дæр уымæй сахуыр дæн бирæ цыдæртæ, фыццаг хатт дæр уымæ æрбацыдтæн ахуыргæнинагæй æмæ дзы дæн тынг райгонд. Йæ бон цы у, уымæй адæмæн æххуыс кæны, кæмæн лæвар саразы дæндæгтæ кæмæн та - æрдæг аргъыл. Иннæ кусджытимæ дæр ын ис тынг хорз ахастыты, хорзæй дарддæр дзы мæнæн æппындæр мæ бон зæгъын ницы у. Нæ горæты цæрæг Козаты Павел уый куы базыдта æмæ Аланыл фыссын, уæд мæм бахатыд, цæмæй йын йæ ныхæстæ дæр бахæссон: «Аланы хуызæн кæстæртыл æз арæх нæ амбæлын. Æз дæр уымæ сарæзтон мæ дæндæгтæ æмæ йæм лæмбынæг мæ хъус дардтон, зæгъын, алкæмæ дæр ахæм уæздан ахаст дары. Æмæ æцæгæйдæр афтæ разынд, алкæмæн дæр æмхуызон, уæзданæй лæггад кæны. Бирæтæ ма йын йæ зæрдæхæлардзинадæй æгæр дæр пайда кæнынц.
Æгæрыстæмæй ма мын дзы тынг раппæлыд хæрз чысылæй хъæбысхæсты секцимæ тренировкæ кæнынмæ кæмæ цыд, уыцы зындгонд тренер Джиоты Руфин дæр.
Аланы куы афарстон, зæгъын, цæмæн равзæрстай дæндагаразæджы дæсныйад, уæд мын афтæ загъта: «Æз мæ гыццылæй фæстæмæ уарзтон лыстæг, ювелирон куыстытæ æмæ дæндæгтæ аразын дæр хауы ахæмтæм. Стæй ма дзы уыдис ноджы иу аххосаг дæр, хæрз къаннæг уыдтæн, афтæмæй мæ мадымад Цоциты Любæйы дæндæгтæ цухæй куы федтон, уæд ын баныфс æвæрдтон, зæгъын, фæлæу мæнæ сыстыр уыдзынæн, дæндагаразæджы дæсныйад райсдзынæн æмæ дын ахæм дæндæгтæ сараздзынæн æмæ дын сæм адæм тæхуды кæндзысты. Æмæ æцæгæйдæр рауад афтæ, мæ ныхасы хицау разындтæн æмæ фыццаг хатт дæндæгтæ сарæзтон мæ нанайæн, рауадысты мын тынг хорз арæзт».
Алан тынг бирæ хæлæрттæ ссардта æмæ ныууагъта, кæм ахуыр кодта, уым, Стъавраполы паддзахадон медицинон колледжы. Абоны онг дæр ын бастдзинæдтæ ис колледжы директор Аванесянц Эдуард æмæ колледжы ахуырыхайады гæс Сусаннæ Назареты чызгимæ. Бестауы фырты рекомендацимæ гæсгæ колледжы сахуыр кодтой æмæ ныртæккæ дæндæгтæ аразыны куыст кæнынц Зæгъойты Сергей, Магкоты Тамаз æмæ Тасойты Андрей. Уыдон дæр дзы иууылдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, сты тынг райгонд, у сын иузæрдион æмбал. Фондз азы размæ Алан йæ цард сиу кодта Хъуылымбегты Альмæимæ æмæ цæрынц æмудæй, ис сын цыппараздзыд фырт.
Аланы хуызæн кæстæртæ фылдæр куы уа, уæд нæ цард уыдзæн бирæ рæсугъддæр æмæ цымыдисондæр.
Алан, ноджыдæр бирæ азты афтæ цæстуарзон æмæ æнæнизæй фæлæггад кæн дæ радтæг адæмæн.
ДЖИОТЫ Екатеринæ

Источник - ХУРЗАРИН.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
9 сентября 2011 11:34

Райгонд дан аемае бузныг дзурын ДЖИОТЫ Екатеринайаен, каей нае базонга кодта, ацы хорз адаеймагимае  ,даендаджы  специалистима-Бестауты Аланимае.Бирае азтае нын дзаебаехай фацаера амае факуса,Хуыцауаей лагъстиаг даен.Йае ниарджытаен БУЗНЫГ,аемае сае фаендиаг уат йае цард, каей нын  схъомыл кодтой ахаем патриоты,  каецы нын  нае заердаетае рухс каены йае куыстай-Ирыстоны чи уарзы аемае хи къухтаей чи аразы  адаемы цард раесугъддаер.Афтае раргомис, Екатиранае  фылдаер  Дзауы аемае Цхинвайлаег наехи раесугъд хоты ( сылгоймаегты)ныхаестае  аербахаста, каей загъынаей хъаеуы аемае удонаен сае раесугъд дзинадаен Аланы сыгъзаерин кухътай  арыст даендаегтае тынг фехуысс сты.Аемае сын сае  куыст, цард ,аемае худын даер( хуыцау сын ахаем Амонд  балаевар каенаед, цаемаей сае хъалдаг  худынаен каерон  ма уает) фаеынцондаер кодта.Ныфс мае ис аемае хицауады баернон кусджытае, каемаеты  аембаелы уыдон, ацы бинонты ахсчъиаг( лыгкаенинаг) фарстамае аркаесдзысты ламбынаегаей.аемае сын хаедзары хъуыддаг даер исчъеуылты алыгкаендзысты, аемае Аланы бинонтан саехи хицаен къуым  раддзысты абон уа сом . 

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 8098595 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Цитаты

Иногда хватает мгновения, чтобы забыть жизнь, а иногда не хватает жизни, чтобы забыть мгновение. Джим Моррисон
***
Каждый живет, как хочет, и расплачивается за это сам. Дориан Грей
***
Сильные люди не любят свидетелей своей слабости. Маргарет Митчелл
***
У людей теперь нет времени друг для друга. Кларисса Маклеллан
***
Хорошие друзья, хорошие книги и спящая совесть – вот идеальная жизнь. Марк Твен

Все комментарии

 

камеры

Объявления

Продается животноводческая Ферма в с.Рындзы хъау (Ожора) Знаурского района РЮО, прилегающая территория 23га, подробности по т.89298056949
***

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!