Дзаеуджыхъаеуы ауагътой ирон аегъдаеуттае аемае традицитае республикон семинар
Дзаеуджыхъаеуы 38-аем астаеуккаг скъолайы уыд ирон аегъдаеуттае аемае традицитае скъолаты чи амоны, уыцы ахуыргаеджыты республикон семинар. Сараезта йае ахуыргаенджыты зонындзинаедтае баерзонддаергаенаен институты национ ахуырады кафедрае.Семинар амыдта институты ирон аевзаджы кафедраейы хистаер ахуыргаенаег-методист Солтанты Джульеттае. Баелвырд аемае баестон дзы ныхас цыд ирон куваендаетты Реком, Тъаранджелоз аемае Мыкалыгабырты равзаерд аемае семае баст таураегъты, аегъдаеутты нысаныл. Уымаей ахуыргаенджытае аердзырдтой ирон аегъдаеуттае аемае культурае скъоладзаутаен хуыздаер амоныны фаераезтыл. Семинары ирон аегъдаеутты нысаны тыххаей раныхас кодта аехсаенадон архайаег, чиныг «Хуыцауы аертае цаессыджы"-йы автор, Реком ногаей саразыныл заердиагаей чи бацархайдта, уый Дзанайты Славае. Ахуыргаенджытае йаем радтой фарстатае йае чиныджы тыххаей даер.
Ахаем семинартае стыр ахъаз сты ахуыргаенджыты методикон куысты раезтаен.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.









Нашли ошибку?