Президенты арфæ Сыгъдæг Уастырджыйы стыр бæрæгбоны цытæн

Президент Гаглойты Алан сыгъдæг Уастырджыйы стыр бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Ирыстоны адæмæн:

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдæбын арфæ уын кæнын Сыгъдæг Уастырджыйы стыр бæрæгбоны цытæн!

Нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ, æнæхай æмæ æдыхты хъæхъхъæнæг Уастырджыйы фæлгонц у ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын Ирыстоны æппæт цæрджытæн. Иу бинонты бæрæгбон дæр нæ ацæуы æнæ куывдæй Сыгъдæг Уастырджымæ.

Рухс Уастырджыйы бæрæгбонтæ нысан цæуынц æгас Ирыстоны æмæ баст сты нæ адæмыл аудæг зæдимæ, уæларвон тыхты минæваримæ, нæ сæрхъызой, уæларвон хæстонимæ, кæцы кæддæриддæр æххуысмæ фæзыны, сыгъдæг зæрдæ, сыгъдæг хъуыдытимæ йæм чи бахаты, уымæ.

Бæрæгбонон къуырийы дæргъы алы ирон хæдзары дæр кувдзысты Фыдыбæстæйы фæрныгадæн, кæрæдзи æмбарынад æмæ Ирыстоны адæмы рæсугъд фидæны тыххæй.

Уадз æмæ фехъуысæд уыцы куывдтытæ Стыр Хуыцау æмæ Уастырджымæ, нæ Фыдыбæстæ нын бахизæнт æппæт æнамонддзинæдтæ æмæ фыдбылызтæй, Ирыстоны алы хæдзарæн дæр балæвар кæнæнт фæрныгад æмæ амонд!

Сыгъдæг Уастырджы уын бахъахъхъæнæд уæ хæдзæрттæ æмæ уын радтæд фидар æнæниздзинад, бæркад æмæ хæрзæбон!

Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад, хордзинад æмæ райгæ цард!

Уастырджыйы хорзæх уæ уæд!
Источник: https://cominf.org/node/1166553409
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 8098595 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Цитаты

Иногда хватает мгновения, чтобы забыть жизнь, а иногда не хватает жизни, чтобы забыть мгновение. Джим Моррисон
***
Каждый живет, как хочет, и расплачивается за это сам. Дориан Грей
***
Сильные люди не любят свидетелей своей слабости. Маргарет Митчелл
***
У людей теперь нет времени друг для друга. Кларисса Маклеллан
***
Хорошие друзья, хорошие книги и спящая совесть – вот идеальная жизнь. Марк Твен

Все комментарии

 

камеры

Объявления

Продается животноводческая Ферма в с.Рындзы хъау (Ожора) Знаурского района РЮО, прилегающая территория 23га, подробности по т.89298056949
***

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Обсуждаемые новости