УАСТЫРДЖИЙЫ ФÆДЗÆХСÆН БОН
Уастырджийы бонты ирон сыхбæсты, хъæубæсты бирæ арфæйы ныхæстæ хъуысти, уыдонимæ лæвæрдтой кæстæрæггаджы æмæ хистæрæггаджы нуазæнтæ сæрмагонд рæгъыты. Фæлæ арфæты ’хсæн, нуазæнты астæу иу уыди сæрæвæрæн уæлдай кадджындæрæй, егъаудæрæй, æмæ хаудта хæдзары æфсинмæ — мадмæ, Стыр мадмæ.
Уыцы нуазæн хуыдтой æфсины цинон (дзырдтам ыл иумæйагæй). Уый лæвæрдта бадты хистæр йæхи къухæй фынджы уæлхъус лæугæйæ. Æфсин хистæры нуазæн иста, æгъдауыл кодта арфæ: кæд уайсадæг уыдаид, уæд сæрæй акуывтаид, кæд — нæ, уæд цыбырæй загътаид, дæ нуазæнæй бузныг, зæгъгæ, æмæ йæ авæрдтаид йæ тиутæй искæмæ. Уый æфсины бæсты цыбырæй дзырдта дыууæрдæмы арфæйы ныхæстæ. Уыцы гаджидау цалынмæ фæуд кодта, уæдмæ хистæрæй фæстæмæ иннæтæ лæууыдысты.
Ахæм диссаджы аив æгъдауæй абоны Уастырджийы бонты ирон адæм ривадæй аззадысты. Фæзмæджы митæ ма цы кæнынц фылдæр ирæттæ, æндæр бæрæгбоны æгъдауы хъæстæ, нымды мур нал баззад. Кусарт ма чи акæны, уый дæр сыхбæсты «йæ хæс» ахицæн кæныны фæдыл. Кусæрттæгтæ вæййынц, искуы иугæйттæй фæстæмæ, æлхæнæггаг. Æлхæнгæйæ та зын базонæн у давæггаг.
Уæдæ ма æркæсæм нæ митæм. Уастырджийы изæры кувинагимæ дзуары бынмæ нал цæуæм, бинонты бар нал вæййы бæрæгæхсæв. Лæгтæ къордтæй зилын райдайынц хæдзæрттыл, æмæ бирæ бинонтæ бадгæйæ, æнхъæлмæ кæсгæйæ баззайынц ис кувинагæй æмæ кувæгæй стыр æмбисæхсæвтæм. Бирæтæ бæрæгбоны кусарт акæнынц дыццæгизæры нæ, фæлæ йæ хуынды рады. Афтæмæй бæрæг нал вæййынц бæрæгæхсæвтæ æмæ барысчъи дарæн майрæм æмæ сабатизæртæ дæр. Бирæ мысæггаг митæ æгъдау нæ хатгæйæ, нæ зонгæйæ. Хæрд æмæ нозтæн бæрц нал фæзонынц, оммен фæхъуысы æрвнæрдау, Уастырджийы бонты фыдæлтыккон æгъдау та аззайы фæсвæд, уый та уыди адæмы иугæнæн æгъдау стырæй чысылмæ æфсармы, намысы уагыл.
АЙЛАРТЫ ИЗМАИЛ
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.