Юмористон радзырд-ХЪУСЫНГАЕНИНАЕГТАЕ
къæдз фындзы бынмæ багуым-гуым кодта Хъылцо Габисович æмæ дарддæр кæсы:
- Курæг уæ стæм,- уыцы рæстæг хæдзары сæрæй рахаудтой тæдзынæджы ихтæ æмæ Хъылцо Габисовичы сæрыл сæмбæлдысты, хаугæ-хауын ма йæ цæст ацахста хъусынгæнинаджы дарддæры фыстыл… цæмæй уæхи хъахъхъæнат, хæдзары карнизтæй чи æрзæбул ис, уыцы ихтæй.
Хъылцо Габисовичы мæйы фæстæ рафыстой рынчындонæй. Иу бон йæ хæдзарæй тезгъо кæнынмæ рацыд æмæ та йæ цæст андæгъд быруйыл фыст хъусынгæнинагыл,фæлæ быру уыд дард æмæ лæгæн йæ бон нæ уыд фыст бакæсын. Цы дзы фыст ис, уый базонынмæ лæг афтæ сцымыдис, æмæ хæдзармæ фæстæмæ бацыд, рахаста бинокль æмæ афтæмæй афæлвæрдта хъусынгæнинаг бакæсыныл.Фæлæ хъусынгæнинаджы дамгъæтæ афтæ лыстæг фыст уыдысты æмæ Хъылцо Габисович цалдæр къахдзæфы размæ акодта æмæ райдыдта кæсын: « Зынаргъ цæрджытæ, уæхи хъахъхъæнут,- цæмæй,- сцымыдис лæг æмæ размæ куыд акъахдзæф кодта, афтæ бынмæ атахт æмæ ницыуал бамбæрста. Йе ‘муд æрцыд сæхимæ сынтæгыл.
Дыккаг бон Хъылцо Габисович йе ‘мкъай Сафиатмæ фæдзырдта æмæ йын лæгъстæгъуызæй афтæ зæгъы:
- Цу–ма уартæ быруйыл цы хъусынгæнинаг ис, уый бакæс æмæ дзы цы фыст ис, уый зæгъ.
Сафиат бахъуыр-хъуыр кодта, уыцы хъусынгæнинæгты тыххæй цалдæр хатты фыдбылызæй тыххæй аирвæзтæ æмæ ма сæм уæддæр цымыдис кæныс, зæгъгæ, фæлæ уæддæр ацыд æмæ йæ лæджы фæндон сæххæст кодта. Куы ‘рбацыд, уæд ын мидбылхудгæ загъта:
- Хъусынгæнинаджы фыст ис: «Зынаргъ цæрджытæ, уæхи хъахъхъæнут фыдбылызæй, ивæм хæтæлтæ æмæ канализацийы люк у гом. Йæ бынмæ фыст:
Цæрæнуæтты-коммуналон управленийы администраци.
Уæдæй фæстæмæ Хъылцо Габисович йæ удхæссæг федта хъусынгæнинæгтæй. Хоны сæ фыдбылызы хос.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.