Мардæгæсгæнæг
Хистæр зæд йæ фыссæн сис æрæвæрдта æмæ арф ныуулæфыд:
— Нудæс æмæ цыппарыссæдз... Нæ номхыгъд ма иу хъуаг у.
Йæ уæлхъус лæууæг кæстæр зæд аххосджынхуызæй сдзырдта:
— Уый бирæ нæу. Ныртæккæ сæдæймаг уд дæр ам уыдзæн.
— Тæхгæ, уæдæ... Æмбисдзард у, фæлæ... Сфæлдыстадон куыст кодта, æмæ бæрц ницæмæй зыдта, Хуыцæутты ныхмæ дæр-иу фæцагайдта! Цæргæйæ куы баззайа, уæд йæ тæригъæдтæ галуæрдоны дæр нал бацæудзысты. Хуыздæр рæстæгæн уæвæн нæй йæ бинойнаг æмæ йæ сывæллæтты нал хъæуы, сфæлмæцыдысты йын цы йæ ахорæнты тæфæй, цы йæ музæйæ... Ныр уæззау рынчын у æмæ иунæгæй йæ уаты сæйы. Тæхгæ, йæ уд ын схæсс.
Сæ ныхас ахицæн, æмæ дыууæ зæдæн дæр сæ сау базыртæ цыма уæззау дуртæй фервæзтысты, уыйау сæ базмæлын кодтой.
— Æрмæст арæхстгай, хъусыс! Фынæй куыд уа, афтæмæй, — загъта ма зæронд зæд æмæ хъуыдыты аныгъуылд.
Дзæвгар рæстæг рацыд, фæлæ удмæ æрвыст зæд зынæг нæ уыд. Кæддæр-кæддæр гом рудзынджы тæрхæгыл æрбадт.
— Æмæ афтид цæмæн дæ? — йæ хъуыдытæй фæиппæрд уæвгæйæ, бафарста зæронд зæд.
— Цалынмæ тæрхæттæ кодтам, уæдмæ уавæртæ фæивтой: лæг иунæг нал у.
— Уæдæ?
— Æрыгон чызг йæ уæлхъус бады.
— Цавæр чызг ма у уый та? — бадис кодта зæронд зæд.
— Æвддæсаздзыд. Иæ цæстытæ арвау æнæбын...
— Æххуырсгæ йæ бакодта, æви йæ хæстæджытæй исчи у?
— Нæдæр иу, нæдæр иннæ, — мæстæймарæгау загъта кæстæр зæд. — Чызг æй уарзгæ кæны.
— Уый та куыд? Цавæр уарзт? Æрыгондæр не ссардта уыцы æнæнтыст чызг?
— Нæ зонын. Йæ зæрдæмæ нывгæнæг фæцыд. Куы, дам, сдзæбæх уай, уæд, дам...
— Бакæсæд-ма йæм исчи! «Куы, дам, сдзæбæх уай». Мæ номхыгъдмæ йæ куы бахастон, уæд ма цæй дзæбæхы кой кæны? Уый цыфæнды дзурæд, фæлæ ды дзæгъæл цыд цæмæн фæдæ?
— Уæдæ мын цы гæнæн уыд? Чызг йæ цурæй æппындæр нæ цæуы, — йæхи сраст кæныныл архайы кæстæр зæд.
— Æхсæв та?
— Æхсæв та йæ дæлфæдтæм батымбыл вæййы æмæ дын ма бацъынд кæна!..
Зæронд зæд та ныхъхъуыды кодта. Стæй сдзырдта:
— Кæд истæмæй æххæст нæу.
— Цæмæн зæгъыс? Хæрзконд, хæрзуынд... Æххæст чызг цы вæййы, уый, — загъта æрыгон зæд æмæ фефсæрмы.
— Кæс-ма, дæ хорзæхæй... Цæй, тæхгæ йæм фæстæмæ æмæ бацархай, куыд æмбæлы, афтæ. Уарзондзинад хъуыдыйаг у, хынцинаг. Тæхгæ, дæ фæндаг раст.
Фæлæ та дыккаг фæлварæн дæр æнæпайда фæци.
— Цæй, ныр та цы æфсон кæныс?
— Цыдæр хостæ самал кодта...
— Уый дын гъе! — йæ сæр батылдта хистæр зæд. — Фæлæ йæ цыма æвдадзы хос дæр нал фервæзын кæндзæн...
— Мæнмæ дæр афтæ фæкаст, лæг мæрдон уазал куы ныцци, уæд... —Æмæ?
— Æмæ йæ чызг йæ буарæй батавта, раздæхта йæ адзалы фæндагæй.
— Сонт зæрдæ! Лæг куы рабада, уæд та ацы чызджы дæр фенамонд кæндзæн: бирæ сылгоймæгты тæригъæды бацыд.
— Цы бæрæг и, — загъта кæстæр зæд.
— Фæлæуу-ма, фæлæуу! Лæджы хабæртты кой йын ракодтай? Йæхи æнафоны мæлæтæй дæр æй фæтæрсын кодтай? — ныфс та фæзынд зæронд зæдмæ.
— Уæдæ! Фæлæ чызджы ницы уырны.
Зæронд зæд йæ боцъо адаудта, стæй кæддæр сдзырдта:
— Цæй, цы уа, уый уæд! Нæ цæсгом не 'вдисæн — алцы дæр бафæлвæрдтам. Цæрæнт уал уарзт æмæ масты.
Кæстæр зæд разыйы худт бакодта æмæ йæхи арвмæ систа.
«Ныртæккæ та стъалытæм дзæгъæлгастыл фæуыдзæн, — ахъуыды кодта хистæр зæд. — Æрыгонæй æз дæр уарзтон стъалытæм кæсын.
Абайты Арбилянæ, Журнал «Мах дуг», 2004, №9, allingvo.ru
ИА ОСинформ
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.