Хоситы Бурханы арфæ Тыбылты Леонидæн
Хоситы Бурханы арфæ Тыбылты Леонидæн
Цытджын Тыбылты Леонид Харитоны фырт
Mæ зынаргъ Президент,
Фæсарæны, æцæгæлон бæсты куы уа мæ царды хъысмæт уæддæр хонын мæхи æмбьæстаг. Х.Иры падздзахад æмбæстаджы кад мын саккаг кодта æмæ сæрыстырæй дарын Х.Иры пасспорт. "Мæ президент" дæ уымæн хонын.
Мах Турчы Ирæттæ кæддæриддæр зæрдæйæ стæм уемæ. Цин кæнæм мах дæр Х.Ирыстоны Сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадыл. Нæ цæст уарзы цæмæй нæ Х.Ирыстоны хæдбардзинад, сабырдзинад бонæй бонмæ кæна фидарæй фидардæр. Нæ тырыса та фейлауæнт æнусты дæргъы.
Цытджын Леонид,
Маз зынаргъ Президент,
Арфæ дын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны президенты бæрнон бынатмæ дæ кæй равзæрстой уый фæдыл.
Уырны мæ, дæ къухдариуæгады бын нæ Республикæ рæздзæн æмæ размæ сæудзæн економикон æмæ демократикон уавæртыл. Сабыр уыдзæн бæстæ, æмбæстæгты бартæ фæхуыздæр дæр уыдзæн.
Ахæм ныфс дæр мæм ис, ды зоныс æмæ дæ зæрдыл дарыс Ирон кад æмæ намысы, ирон æвзаг æмæ культурейы хъахъхъæнын дæ фыццаг хæс кæй у уый. Æмæ дын Стыр Хуыцау бантъысын кæнæд.
Стыр аргъ дын кæнын.
Зæрдиаг саламттимæ Хоситы Бурхан,
Истамбул.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.