Ирыстоны æрттивагдæр стъалытæй иу - Алыксандр

16 мая 2012 --- [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [4 913 просмотров] [версия для печати]

Йæхи базонынæй йæ адзалы бонмæ Тыбылты Алыксандрæй рох никуы уыдысты нæрæмон Къостайы ныхæстæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг!»
Уый хи удыл сагъæс нæ уыд, уый Ир æмæ Ирыстоныл сагъæс уыд. Алыксандр хорз зыдта Ирыстоны ивгъуыд æнус, йæ цæстæй федта, ног царды сæрыл цы гæрæхтæ æрцыд, йæхи къухмæ æрхаудта, ног дуджы ног Ирыстонæн кæй хъæуы фæрæзтæ агурын, цæмæй йæ къæхтыл слæууа. Йæ сæйраг хъуыды та уыди: «Хъæуы нæ иу зæрдæ, иу уынаффæ дарддæры цардæн, Ирыстоны фарн æмæ фæрныгады сырæзтæн».
Тыбылы фыртмæ фæндтæ дæр хорз уыд, сæ сæххæст кæнынæн та йæм зонд, хъару, арæхстдзинæдтæ фаг уыд.
Йæ цыбыр царды бонты йын цы диссаджы хъуыддæгтæ бантыст саразын, уыдонмæ гæсгæ мах зонæм: Алыксандр уыд æвзагзонынады дæсны, ирон литературæйы истори иртасæг, зынгæ фольклорист æмæ публицист, куырыхон зондамонæг, æрыгон фæл-тæры хъомылгæнæг.
Дзырд дæр ыл нæй, куырыхон адæймаг уыд Алыксандр, базырджын уыд хæххон цæргæсау, зылд æнæ 'рулæфгæйæ Ирыстоны къуымты æмæ хъæд-гæмттæм зилæгау зылд не 'взаджы ратæдзæнтæм, нæ нывæфтыд литературæ не'гъуыстаджы фольклормæ, нæ ахуыргæнæн чингуытæм. Алыксандр раджы бамбæрста, кæй нын ис хъæздыг, фидауцджын æвзаг, хъæздыг фольклор, зæрингуырдтæ литературæйы фадыджы.
Кæуылты уыдысты йæ ныхæстæ, йæ хъуыдытæ, нæ дзургæ æвзаджы тыххæй, цас фæдзырдта, цас фæамыдта, цас фæфыста не 'взаджы тыххæй, цæмæй рæза æмæ йæ гаччы сбада.
Алыксандры хуызæн æвæццæгæн, никæй зæрдæ рысти советон дуджы ирон орфоэпийыл æмæ, хъыгагæн, абоны бон дæр мах Алыксандры зæрдæрыстдзинад рохуаты уадзæм æмæ нæ литерæтурон æвзагыл брондоны 'рдæм æнцайæм.
«Æрмæст уый хъуамæ зонæм, - фыста Алыксандр, - æмæ хицæн литературон æвзæгтыл куы ныххæцæм, уæд уый уыдзæн не сæфты нысан. Уæд нæ тыхтæ ныкъаппа-къуппа уыдзысты. Уæд культурон æвзаджы уæз нал афæраздзыстæм».
Къостайы бакæнгæ хъуыддæгтæн табу кодта Алыксандр. Къостайы æвзаг та нæ дарæг, уромæг, нæ хъуыдыты ратæдзæн кæй у, уый дæр æргомæй зæгъы:
«Къоста дзуры сыгъдæг ирон кусæг лæджы æвзагæй. Цыфæнды арф æмæ бæрзонд хъуыдытæ куы сæвзæры Къостайы сæры, уæддæр сæ зæгъы хуымæтæджы ирон æвзагæй. Иунæг тыхаразгæ ныхас нæ разындзæн Къостайы зарджыты».
Æвзаджы æмрæнхъ Алыксандр стыр куыст кодта ирон литературæйы историйы фарстатыл. 50 уацæй фылдæр ныффыста ирон литературæйы рæзты тыххæй, амыдта йын, куыд йæ рæзты фæндæгтæ, афтæ йæ къуылымпыдзинæдтæ дæр, тынг райгонд æмæ зæрдæрухсæй æмбæлд алы ирон чиныг, алы ирон журнал æмæ газеты фæзындыл.
Йæ цыбыр царды бонты Алыксандр цæстуарзонæй фыста Æгъуызаты Иуанейыл, Къостайыл, Секъайыл, Арсеныл, Елбыздыхъойыл, Цомахъыл, Къубалты Алыксандрыл, Гулуты Андрейыл, Дзесты Куыдзæгыл, Хъуылаты Созырыхъойыл, Болайы фыртыл, Фæрнионыл: фыста журналтæ «Зиу» «Мах дуг» æмæ æндæртыл.
Тыбылты Алыксандр егъау аргъ кодта, йæ размæ чи фыста, уыдонæн. Алыксандры дуджы чи фыста, уыдонæн та уыдис сæ хъомылгæнæг, фæндагамонæг. Æцæг литературон критик уыд Алыксандр, уымæй дæр. Цæстуарзон критик. Уый кæддæриддæр уыд рæст-дзинады фарсхæцæг, æнæцæстуарзон критикты ныхкъуырæг.
Рæстдзæвин хъуыдытæ загъта йæ рæстæджы Алыксандр Цомахъы «Ос-Бæгъатыр» -ы, Созырыхъойы, Куыдзæджы, Фæрнионы, Болайы фырты æмæ æндæрты уацмысты фæдыл, кæцытæм æнæраст критиктæ хастой æнæхъуаджы фаутæ.
Литературон фронты къæсæрæй фыццаг чи æрбахызт, йе уæнгтæ уарийау айвазынмæ чи хъавы, уыдонæн æххуыс хъæуы, уыдоны æвæрын æмæ хъомыл хъæуы. Ахæм уыд Алыксандры хъуыды йæ цæргæйæ æмæ сын æххуыс кодта. Сæ зæрдæ сын чи мардта, цæлхдуртæ сын чи æвæрдта, уыдонæн та аккаг дзуапп радта йæ уац: «Æвæрын хъæуы ног фысджыты», зæгъгæ.
Къостайы сфæлдыстадæн аргъ кæнгæйæ, кæуылты у Алыксандры хъуыды: «Ирон литературæйы мæсыгыл ставддæр дур Къоста бавæрдта. Не 'взаджы Къоста суасын кодта рæсугъд уадындзæй. Ирон кусæг адæмы фыдæлтыккон арф фынæйæ Къоста фестъæлфын кодта. Мæгуыртæн фыййау уый фæцыдис. Сидзæргæсы хъарæг уый ракодта».
Алыксандр никуы сразы, ирон æвзаг мæгуыр чи хуыдта, уыцы интеллигенцийы минæвæртты хъуыдытимæ. Кæддæриддæр-иу сын дзуапп лæвæрдта, Къостайы саразгæ литературон æвзаджы къæбицмæ амонгæйæ. «Ирон æвзаджы мæгуырæй тонынц. Афтæмæй дзы разынди æвæджиау хæзнаты аивдзинады мадзæлттæ. Уыцы мадзæлттæй уый диссæгтæ кæны». Къоста йæхæдæг афтæ зæгъы: «Стихтæ фыссын æз æрмæстдæр ахæм рæстæджы, мæ уды йе ‘ппæты зæгъын куы æрфæнды».
Къоста æрмæст йæхи адæмы нæ уарзта, уыдис хæлардзинады тæгтæ тауæг. Пушкин æмæ Лермонтовы хуыдта не стыр номдзыд поэттæ, Грибоедовы - диссаджы гени, Чайковскийы - булæмæргъ, Хъипианийы - мæгуырты фыййау цæуæг. Ацы темæйыл дзургæйæ, кæуылты у Алыксандры хъуыды: «Кæд æмæ ирон адæмыл тынгдæр сагъæс кæны Къоста, уæддæр уый никуы балæсти йæхи адæмы хъузджы. Уый уарзы иннæ мыггæгты (адæмты-Г.П.) дæр. Адæмтæ æфсымæртæй цæрдзысты, уый хуызæн ницæмæ бæллыдис Къоста, уымæй стырдæр хæрзиуæгмæ уый ницæмæ каст». Къоста йæ æргомæй загъта йæхæдæг дæр: «Мæ аргъуан - зæхх, хæлардзинад - мæ дзуар, Фыдыбæстæ - æппæт дуне мæнæн».
Стыр дисы æфтыдта Алыксандры Секъайы æвидигæ курдиат. Егъау аргъ кодта Секъайы æвзаг, Секъайы радзырдтæн, йæ хъуыды ахæм уыд… «У нас до сих пор не было (до Секъа - Г. П.) более или менее удовлетворительных опытов в области изящной прозы».
Цæуыл уыд Секъайы сагъæс, йæ радзырдтæ фысгæйæ, ууыл дæр æмбæлон хъуыды загъта Алыксандр: «Они, главным образом, изображают эпоху крепостного права Закавказье, смутное и тревожное время, царившие на Кавказе до момента прихода русских, когда еще не было определенного правопорядка и царил произвол чиновников».
Зæрдæрухсæй сæмбæлд Алыксандр «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы фæзындыл. Куы йæ бакаст, уæд ахæм хатдзæгмæ æрцыд: «Цалынмæ ирон æвзагыл дзурæг уа, уалынмæ нæ амæлдзæн «Æфхæрдты Хасæнæ». Елбыздыхъойы «Амыран»-ы æмæ Къостайы «Æфсати»-йы цур бынат уыдзæнис «Æфхæрдты Хасæнæ»-йæн ирон литературæйы.
Нæ уыд рох Алыксандрæй Брытъиаты Елбыздыхъо. Сæрыстырæй йæ нымадта ирон театры бындурæвæрæгыл, йæ зæрдæ та йын æууылдта æндæр хъуыддаг: «…худинаг нын у, йæ фыстытæ нырыонг нымæхстæй кæй лæууынц». Алыксандр фæдисы хъæр кодта Ирыстоны къуымты, домдта, цæмæй мыхуыры рацæуой Елбыздыхъойы сфæлдыстадон бынтæ.
Зæгъы йæ хъуыды Коцойты Арсены тыххæй дæр: «Æвзонг ирон литературæйы мæсыгыл Коцойы фырты радзырдтæ зынаргъ дур æрæвæрдтой». Арсены хъæздыг æвзаг тынг фæцыд Алыксандры зæрдæмæ: «Цы ирон литературон æвзаг аразæм, уымæн Коцойы фырты æлвæст æвзаг æмæ бæркадджын ныхас стыр æххуыс фæуыдзæн».
Ирон литературæйы Хъуылаты Созырыхъойы фæзынд Алыксандр банымадта æвæджиауы хорздзинадыл. Ныр та дзы зæгъы: «Хъуылаты Созырыхъойы ном æрæджы ферттывта ирон литературæйы». Цин кæны Алыксандр: «Ферттывта æмæ бонæй-бонмæ тынгдæр рæз хæссы».
Райгонд уыд Алыксандр Созырыхъойы æвзаджы авналæнтæй: «Дзуры Созырыхъо рог арæхстджын æвзагæй. Адæмы æвзагмæ хæрз хæстæг лæууы йе 'взаг. Йæ хъайтарты ныхас йедзаг вæййы ирон æмбисæндтæй». Йæ зæрдæ барухс Алыксандрæн, Бе-джызаты Чермен ирон литературæмæ куы æрбакъахдзæф кодта, уæддæр. Тагъд бамбæрста æрыгон Чермены хъуыдытæ: «Æвзонг поэтæн йæ зæрдæ риссы мæгуырты рисæй, хæрам цæстæй кæсы фæл-лойгæнæджы къласон знæгтæм, уырны йæ, сæрибары дуг кæй æрцæудзæн».
Хъаруджын зиууоныл банымадта Алыксандр Фæрнион Къостайы. Сæрыстырæй дзы зæгъы: «Йæ туг æнхъизы Фæрнионæн, æрæнцой нæ зоны, зæронд надвæндæгтæй лидзы дардмæ». Уæлдæр æй загътон: Тыбылты Алыксандр уыдис цæстуарзон критик. Алыксандры дуджы æнæцæстуарзон критиктæ ирон литературон зиууæттæй бирæтыл цъыф куыд калд-той, æрыгон, райдайгæ поэтты сæ къæхты бын куыд кодтой, уыдæтты уыдта æмæ сын сæ мукъутæ хоста йæ фидар мустучъийæ.
Кæсы æмæ федта Алыксандр, куыд фæцæйхордтой æвзонг Фæрнионы. Уайдзæф сын кæны: «Уанцон нæу, гормæттæ! Лæппын фыссæджы дæ быны акæн дæ къахæй йыл бацу æмæ йæ зæххы æмхуызон скæн, уымæй æнцондæр цы ис». Æмæ ноджы: «Къостайы критиктæм куы байхъусай, уæд æм, æгæрыстæмæй, фыссæджы курдиат дæр нал ис».
Алыксандры куырыхон хъуыды уыд: «Æвæрын хъæуы ног фысджыты». Райгонд уыд Алыксандр Гæдиаты Цомахъы бакæнгæ хъуыддæгтæй. Ирыстонæн æй ныфсы, хъуыддаджы лæгыл нымадта, куыста æмæ фыста Цомахъы цард æмæ сфæлдыстадон фæндæгтыл. Тынг фæрыст йæ зæрдæ Цомахъы фæхъуыдыл, хуыдта йæ «цардбарæг» лæг. Æмткæй йæ хъуыды та Цомахъы тыххæй уыдис ахæм: «Къостайæ фæстæмæ нæ фысджытæй ахæм рæсугъд æвзагæй ничи радзырдта йæ зæрдæйы сагъæстæ, ничи сфæлыста ахæм рæсугъд нывтæй нæ хæххон дуне».
Дзесты Куыдзæг ирон литературæйы къулдуарæй куы æрбахызт йæ радзырд «Хорхæссæг»-имæ, уæд Алыксандры дисæн кæрон нал уыд: «Уыцы таурæгъ уæнгты уый бæрц ахъардта, æмæ хъуамæ йæ кой рæгъмæ рахæсгæ уа».
Алыксандр йæ хъуыдытæ загъта Хъороты Хъазбеджы тыххæй дæр, хоны йæ хæдахуыр поэт. «Уый æрбацыд аив литературæмæ кусæджы тæрхæй. Æрбацыд кусæджы зонд æмæ зæрдæйы ахастимæ».
Райгонд уыд Алыксандр Плиты Хадойы къухайстæй: «Плиты Харитон æвзæры Хуссар Ирыстоны ног поэтты ‘хсæн йæ зарджыты лирикон ахастæй…»
Буц æмæ сæрыстыр уыд Алыксандр Гулуты Андрей æмæ Малиты Георгийы къухайстæй. Бæрзонд сын систа сæ нæмтты дæр æмæ се сфæлдисгæ уацмысты дæр.
Йæ хъуыдытæ загъта Болайы фырты тыххæй дæр. Йæ фыццаг къахдзæфты зыны, Болайы фырт лæмæгъ къахдзæфтæй кæй æрбахызт ирон литературæйы дыргъдонмæ. Фæлæ Алыксандры ныфс уыд, «Болайы фыртмæ фыссæджы курдиат кæй ис». Æрмæст хъуамæ цæуа йæхи фæндагыл, макæй фæзма, кæд фæзма, уæд та Къостайы, - зæгъы Алыксандр.
Тыбылты Алыксандр Залдайаг уыд, Залдайы райгуырд, Залдайаг уыд Æгъуызаты Иуане дæр. Иуане чи уыд, ууыл алыгъуызон ныхæстæ цыд нæ аивады. Фарстмæ йæ хъус дардта Алыксандр дæр æмæ сæвæрдта фарст: «Чи уыд Ялгъузидзе?». Йæ дзуапп æргом æмæ уæндон уыд Тыбылы фыртæн: «Куыдфæнды йæ домæм ацы лæджы, уæддæр уый уыдис фыццаг ирон фыссæг æмæ йын хъуамæ йæ царды хабæрттæ æмæ йæ куыст лыстæггай раиртасæм».
Тыбылты Алыксандр ахъаззаджы куыст бакодта Иуанейы цард æмæ сфæлдыстадон фæндæгтыл. Ууыл дзурæг сты йæ зынгæ уацтæ: «Чи уыд Ялгъузидзе?», «Ялгъузидзе-ирон - адæмы фарсисæг», «Ялгъузидзе - ирон фысты бындурæвæрæг».
Æмткæй Алыксандры хъуыды ахæм у: «Уыцы уагæй Æгъуызаты Иуане йæхи ирон хæххон адæмæй дæр нæ атыдта: сыгъдæгæй зыдта ирон æвзаг, йæ зæрдæ уыд ирон адæмимæ, йæ бон цас уыдис, уымæй уæлæмæ хæцыдис ирон адæмыл». Кæнæ… «Ирон адæмæй фыццаг хатт (иронау-Г.П.) фыссын байдыдта Ялгъузидзе. Ирон чиныгæн йæ сæр уырдыгæй рацыдис. Йæ ирон тексттæ Æгъуызаты Иуане ныффыста гуырдзиаг дам-гъæтæй»… «Уымæй уæлдай Ялгъузидзе равдыста стыр поэты хъару. Фæстаг рæстæджы куыд рабæрæг, афтæмæй гуырдзиаг æвзагыл кадæг «Алгъузиани» рацыд Ялгъузидзейы къухæй».
Йæ кæстæртæм рæвдаугæ цæстæй каст Алыксандр. Зæрдæрухс уыд ног литературон зиууæттæй, сæ къахдзæфтæм сын лыстæггай каст æмæ-иу, мидбыл худгæйæ, загъта: «Æвзонг поэттæ æмæ белетристтæ - Плиты Геса, Гæззаты Сослан, Козаты Ило æмæ Беджызаты Уасил ралæууыдысты сæ фыццаг уацмыстимæ. Уыцы уацмыстæй зыны ног хъузæттæ кæй рæзы ирон советон литературæйæ».
Алыксандр стыр аргъ кодта йæ адæмон сфæлдыстадæн. Æппæт йæ тыхтæ лæвæрдта, цæмæй нæ адæмон сфæлдыстад тымбыл æмæ мыхуыргонд æрцæуа. Уый раджы рахатыд, ирон фольклор хъæздыг æмæ къабазджын кæй у. Уый æрæмбырд кæнын, сæ рауадзыны йæхæдæг дæр уыд активон хайадисæг. Цы чингуытæ цыд мыхуыры: «Нарты кадджытæ» - (1929), «Даредзанты кадджытæ, мифтæ, бынæттон таурæгътæ» - (1929), «Аргъæуттæ æмæ æмбисæндтæ» - (1930) æмæ æндæртæн йæхæдæг фыста разныхæстæ.
1936 азы мыхуыры рацыд «Хуссар Ирыстоны фольклор», уымæн дæр йæ разныхас Алыксандры фыст у.
Тыбылты Алыксандр æмбæлон иртасæн куыстытæ бакодта ирон фольклорыл. Уыдон та сты: «М.В. Рклицкийы чиныг «Нартæ æмæ Нарты кадджытæ», «Нартские сказания», «Нарты кадджытæ», «Ирон аргъæуттæ», «Хуссар Ирыстоны фольклор», «Ног адæмон зарджытæ Хуссар Ирыстоны» æмæ æндæртæ. Дзæвгар у сæ нымæц аивад, рухсад, мыхуыр, æвзаг, истори æмæ æндæр хъуыддæгты фæдыл цы уацтæ фæфыста, уыдонæн дæр.
Тыбылы фырт мадæлон æвзагæй куыд рæвдз уыдис, афтæ арæхстджын уыдис уырыссаг æвзагæй дæр æмæ йын уый фадат лæвæрдта тæлмац кæныны хъуыддагæн. Йæ тæлмацтæ сты гъæдджын, нуарджын. Уыдон та сты: «Хор» - В. Киршоны фарастнывон пьесæ, «Кæлмхæрд» - М.Шолоховы радзырд, «Цæй ныр чи кæй?» - Ф. Анферовы роман «Бруски» -йы скъуыддзаг.
Тыбылты Алыксандр хæлардзинады фæндæгтæ-хидтæ аразæг уыд йæ цыбыр царды бонты. Нæ дзы уыдысты рох æфсымæрон адæмты литературæты стъалытæ дæр. Цæстуарзон куыстытæ ныффыста Максим Горькийыл («Максим Горький» - 1868-1928), Л.Н.Толстойыл («Л.Н.Толстой - 1828-1928», «Л. Толстой»), М.Ю. Лермонтовыл («М.Ю.Лермонтов»), А.С.Пушкиныл («Пушкины поэзийы тыххæй»), А.Фирдоусийыл («Абульгасим Фирдоусийыл»), Важа Пшавелайыл («Важа Пшавела»), Е. Ниношвилийыл («Егнате Ниношвили») æмæ æндæртæ.
Æфсæддонау æмвæтæнæгæй рацыд Алыксандр йæ адæмы царды ахсджиаг фарстатæ банывыл кæнынмæ. Цы фарстатæм нæ бавнæлдта, цы нæ фырстатæ йын не 'ууылдтой йе 'взонг зæрдæ. Стыр зиууон уыд Алыксандр ирвæдæны арвыл. Махæн ницы фидауы, 1937 аз нæ цæвæгæй ныккарста, ирвæдæны хуыздæр зиууæттæ бабын сты, сæ сыгъд, сæ фæллад стджытыл ма абон дæр амайæм, цы бынтæ фесæфтам, уыдоны.
Алыксандры ном мысинаг у кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр. Нæ адæм фаг æмæ рæстмæ нæ зонынц Тыбылы фырты бакæнгæ æмæ саразгæ хъуыддæгты. Нæ университет ын хæссы йæ ном, йæ номыл ис стипенди дæр. Абоны бон Алыксандры райгуырдыл æххæст кæны 125 азы, 80 азы та йæ саразгæ Пединститутыл (Университетыл). Сæ дыууæ дæр кад æмæ цытимæ банысанкæнинаг сты ирон адæмæн Хуссары 'рдыгæй дæр æмæ Цæгаты 'рдыгæй дæр. Ахуыр хъæуы Тыбылы фырты сфæлдыстадон бынтæ, æмæ нæм уæд бахъардзæн, цæуыл уыд Алыксандры сагъæс, цæуыл рысти йæ зæрдæ. Уæд, чизоны, арф ныхъхъуыды кæнæм: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?!»
ПЛИТЫ Гацыр

Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 8098595 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Цитаты

Иногда хватает мгновения, чтобы забыть жизнь, а иногда не хватает жизни, чтобы забыть мгновение. Джим Моррисон
***
Каждый живет, как хочет, и расплачивается за это сам. Дориан Грей
***
Сильные люди не любят свидетелей своей слабости. Маргарет Митчелл
***
У людей теперь нет времени друг для друга. Кларисса Маклеллан
***
Хорошие друзья, хорошие книги и спящая совесть – вот идеальная жизнь. Марк Твен

Все комментарии

 

камеры

Объявления

Продается животноводческая Ферма в с.Рындзы хъау (Ожора) Знаурского района РЮО, прилегающая территория 23га, подробности по т.89298056949
***

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Обсуждаемые новости